Эсперанто
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Эсперанто (Esperanto) у æрымыст æвзаг.
Эсперанто равзæрдис XIX æнусы, æрымысыди йæ Варшавæйы цæрæг цæстыты дохтыр Людвик Заменгоф. Пайда дзы кæнынц куыд нациты 'хсæн æвзагæй. Эсперанто тынг æнцон у ахуыр кæнынæн, уый тыххæй æмæ национ æвзæгтæй хъауджыдæр у адæймагæй конд æвзаг. Хуымæтæг адæймаджы эсперантойыл сдзурынæн 3-6 мæйæ фылдæр нæ бахъæудзæн.
Эсперанто рапарахат иc фыццаг чиныгæй, кæцы мыхуыргонд æрцыд уырыссагау 1887-æм азы. Нæ рæстæджы эсперантойыл дзурынц 120 бæстæйы цалдæр милуан адæймаджы.
Кæмæн ахсджиаг у эсперанто базонын:
- бæлцæттæн, кæцытæ дард бæстæтæм цæугæйæ бынаттон æзвзæгтыл дзурынхъом не 'сты;
- эсперанто-фысымты хызæй (Pasporta Servo) пайда чи кæны, уыцы бæлцæттæн;
- алыхуызон цымыдисаг митыл чи архайы, аххæм адæмæн (радиоуарзджытæ, филателисттæ æмæ иннæтæ);
- фæсарæйнаг специалисттимæ профессионалон бастдзинæдтæ кæй хъæуынц, уыдонæн;
- интернационалон форумты (интернеты дæр) бацархайын кæй фæнды, уыдонæн;
- æмæ алы цыргъзонд адæймагæн дæр.
Эсперанто у нейтралон æмæ æндæр æвзæгты бартæ нæ халы. Кæйдæр национ æвзаг зын у ахуыр кæнынæн, эсперанто та нæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дунейы адæмтæн эсперантойы раз æмхуызон уавæртæ ис.
[баив æй] Æддаг æрмæг
- Эсперантойы тыххæй хабæрттæ уырыссагау (+ активон форум)
- Эсперантойыл ахсджиаг сайттæ
- Lernu.net: эсперантойы ахуыргæнæн сайт
- Ахуыргæнæн посты группæйы сайт