Web - Amazon

We provide Linux to the World


We support WINRAR [What is this] - [Download .exe file(s) for Windows]

CLASSICISTRANIERI HOME PAGE - YOUTUBE CHANNEL
SITEMAP
Audiobooks by Valerio Di Stefano: Single Download - Complete Download [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Alphabetical Download  [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Download Instructions

Make a donation: IBAN: IT36M0708677020000000008016 - BIC/SWIFT:  ICRAITRRU60 - VALERIO DI STEFANO or
Privacy Policy Cookie Policy Terms and Conditions
Гитлер, Адольф — Wikipedia

Гитлер, Адольф

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Адольф Гитлеры къам Югославийы
Увеличить
Адольф Гитлеры къам Югославийы

Адольф Гитлер (нем. Adolf Hitler) райгуырди 20 апрелы 1889 азы гыццыл сахар Браунауы, кæцы æвæрд ис цæугæдон Инныл, Австри æмæ Германы ’хсæн арæныл.

[баив æй] Гитлеры фыдæлтæ

Йæ фыд уыд австриаг таможнæйы кусæг Алоис Шикльгрубер (Alois Schicklgruber), йæ мад та зæхкусæджы чызг Кларæ Пёльцль (Klara Pölzl).

Гитлеры фыдæлты тыххæй бирæ информаци нæй. Йæ фыдыфыд Иоганн Георг Гитлер базонгæ и зæхкусæджы чызгимæ. Йæ ном уыд Анна Мария Шикльгрубер æмæ куыста экономкæйæ Грацы. 1837 азы Аннæйæн райгуырди Гитлеры фыд Алоис. Алоис дардта мыккаг Шикльгрубер 1876 азмæ, цалынма йæ официалон æгъдауæй нæ раивта Гитлерыл, уый тыххæй æмæ хъомыл конд æрцыд йæ фыды ’фсымæры хæдзары Иоганн Непомук Гитлермæ. Клара Пёльцль уыд Алоисæн йе ’ртыккаг ус, уыди ссæдз æмæ æртæ азы кæстæр æмæ фондз сывæллоны ныййардта, уыдонæй сырæзыди æрмæст дыууæ — Адольф æмæ йæ кæстæр хо Паулæ.

[баив æй] Гитлеры биографи

Адольф рæзыди тæргайгæнаг æнæразы сывæллонæй, йæ фыдæй тарсти.

1895 азы Гитлерыл æхсæз азы куы цыд, уæд бацыди адæмон скъоламæ горæт Фишльхамы. 1897 азы фæстæ йæ мад æй арвыста Ламбахмæ бенедиктон моладзадоны скъоламæ. Фæлæ йæ уырдыгæй рацух кодтой. Иу фæстæ бинонтимæ ацыдысты Леондингмæ, Линцы горæтгæронмæ. Уым 1900-1904 æзты Гитлер цыди реалон скъоламæ Линцы, 1904-1905 æзты – Штейры. Гитлерыл æхсæрдæс азы куы цыди уæд скъола ныууагъта.

1907 азы Гитлер ацыд Венæмæ фæлæ бацæуæн экзаментыл Венæйы аивады академимæ фæкъуыхцы уыд.

1908 азы амарди йæ мад. Æмæ фондз азы Гитлер фæкуыста нывгæнæгæй.

1913 азы Адольф Гитлер æрцарди Германы, Мюнхены сахары.

1914 азы хæст куы райдыдта Гитлер баздæхти Баварийы паддзахмæ ахæм курдиатимæ цæмæй йæ хыгъдмæ бахæссой æфсадмæ. Æмæ йæ арвыстой 16-æм Баварийы фистæгæфсæддон полкъмæ. Райдианы уыди санитарæй, иуфæстæ æнæхъæн хæст бастдзинады куыста. Дыууæ хатты уыди цæф.

1914-æм азы декабры райста йæ фыццаг хæрзиуæг – Дыккаг къæпхæны Æфсæйнаг дзуар. 1918-æм азы 4 августы Гитлерæн балæвар кодтой Фыццаг къæпхæны Æфсæйнаг дзуар.

1919 азы Гитлер бацыди Немыцаг кусджыты партимæ. Дыууæ азы фæстæ Гитлер сси уыцы партийы разамонæг æмæ йыл сæвæрдта ног ном — Национ-социалистон Германы кусджыты парти. Уыцы рæстæг дыууæ ныхасæй «НАцион-соЦИалист» райгуырди термин — нацизм.

Гитлер ацыди æфсадæй. Уый сарæзта программæ, кæцы адæмæн фехъусын кодта 1920 азы 24 февралы. Партион æмбырдты хъахъхъæнынадæн Гитлеры партийы разамонджытæ сарæзтой морæхæдон лæгты къорд — СА (Sturmabteilung). Иннæ организаци - СС (Schutzstaffel), саухæдон лæгты къорд, сси Гитлеры гоймагон гварди.

8 ноябры 1923 азы Гитлер æмæ Людендорф сарæзтой паддзахадон фæфæлдæхт. Фæлæ сæ фæфæлдæхт нæ фæрæстмæ и. 26 февралы 1924 азы Гитлерæн тæрхон кодтой паддзахадон гадзрахаты фæдыл. Æмæ йын тæрхон рахастой 5 азы ахæстмæ. Фæлæ ахæстоны фæци æрмæст фараст мæйы. Ахæстоны ныффыста йæ зындгонд чиныг «Майн кампф» («Мæ тох»). 1939 азы чиныг уыди тæлмацгонд 11 æвзагыл, йæ тираж уыд æдæппæт 5,2 милиуаны.

1930 азмæ Гитлер сси националон змæлдты æнæмæнг разамонæг.

1928 азы рейхстагмæ (Германы парламентмæ) æвзæрстыты нацисттæ райстой æрмæстдæр дыууадæс бынаты, коммунисттæ та 54.

1929 азы Гитлер сарæзта альянс Альфред Хубенбергимæ. 1930 азы рейхстагмæ æвзæрстыты Гитлеры партийæн радтой сæ хъæлæстæ æхсæз милиуæнæй фылдæр æмæ парти райста 107 бынаты рейхстагы.

1932 азы Гитлер сфæнд кодта президентæй суын. Фæлæ президенты бынаты баззади Пауль фон Гинденбург.

30 январы 1933 азы Гинденбург снысан кодта Гитлеры Германы канцлерæй.

5 мартъийы 1933 азы æвзæрстыты нацистты парти сæ быннæты нымæц рейхстагы фæфылдæр кодтой. Æмæ Гитлер се ’ххуысимæ райста 52% хъæлæстæ æмæ сси президент.

24 мартъийы 1933 азы Рейхстаг райста уæлрадон закъон адæм æмæ рейхы хъахъхъæнынады тыххæй. Уыцы закъоны фондз пункты ахæм мидис уыд æмæ рейхстагæн йæ закъондæттæн бартæ аивтой, нымайгæйæ бюджетмæ цæстдард, конституцийы бараст æмæ бадзырдты ратификаци фæсарæйнаг паддзахадтимæ. Уыцы бартæ радтой цыппар азмæ паддзахадон хицауадæн. Цалдæр мæйы дæр нæма рацыди афтæ иннæ партитæ æхгæд конд æрцыдысты, профсоюзтæ суагътой. 1933 азы октябры Герман рацыд Нациты Лигæйæ.

1934 азы Гитлер баиу кодта канцлеры æмæ президентты бынæттæ æмæ сси Германы иу лæгæй хицаугæнæг. Уыцы азы сæрды уый сфæнд кодта бабырсын Австримæ, фæлæ Муссолини йе ’фсæдтæ куы арвыста австриаг арæнтæ хахъхъæнынмæ, уæд Гитлер йæ фæнд раивта.

1934 азы 2 августы Гинденбург куы амарди, уæд Гитлер йæхицæн ном радта «фюрер» æмæ канцлер, рейхспрезиденты пост та аивта. Æппæт æфсæддон офицерттæ хъуамæ ард бахордтаиккой иузæрдыгдзинадæн Адольф Гитлерæн.

1935 азы Гитлер бардзырд радта Гиммлерæн цæмæй уый саразта концентрацион лагертæ. Уыдысты арæзт Нюрнбергаг закъонтæ граждандзинад æмæ расæйы тыххæй, кæцытæ тобæ кодтой дзуттæгты æмæ немыцæгты (арийæгты) æхсæн къайад æмæ дзуттæгты цух кодтой граждандзинадæй.

1935 азы мартъийы Гитлер фехъусын кодта, 36 дивизийы кæмæн уыд, ахæм æдгæрзтæ æфсад кæй сарæзта. Уымæй комкоммæ саст æрцыдысты Версайлаг бадзырды домæнтæ.

1936 азы Испанийы мидхæст куы райдыдта, уæд Гитлер æххуыс кодта испайнаг генералæн Франсиско Франкойæн. Испанимæ уыди æрвыст легион «Кондор».

1936 азы 25 октябры хæстон-политикон бадзырд «Æндон фидыд» Италиимæ.

1938 азы, мартъийы Гитлер сæххæст кодта «аншлюсс» Австрийæн æмæ баиу кодта Австри Æртыккаг рейхимæ.

Уыцы аз Гитлер райдыдта Чехословакийы судеттаг немыцæгты «сæрибаргæнæг» кампани. Нацисттæ Чехословакийы змæстытæ куы сарæзтой, уæд бритайнаг премьер Невилль Чемберлен æмæ французаг премьер Эдуард Даладье æрцыдысты Германмæ æмæ Мюнхенаг бадзырдыл сæ къухтæ æрфыстой.

Иу аз дæр нæма рацыди, æфтæ рейхмæ уыдысты баиу конд территоритæ, кæцытыл царди дæс милиуан адæмæй фылдæр.

Ног нысанæй Гитлер равзæрста Польшæ. Ныр æй хъуыди польшæйаг къæлидор æмæ Данциг. Дыууæ фронтыл хæстæй аирвæзынмæ Гитлер райдыдта Мæскуыимæ баныхас.

1939 азы 23 августы нацистон Германи æмæ Советон Цæдис сæ къухтæ æрфыстой хæлæрдзинад æмæ сабырдзинады тыххæй бадзырдыл æмæ бадзырдтой, Польшæ кæй радих кæндзысты, ууыл. Фæлæ Чемберлен Гитлерæн фехъуысын кодта Стыр Британи Польшæйы раз йæ хæс кæй сæххæст кæндзæн, уый.

1 сентябры Польшæйы райдыдта хæст æмæ Польшæ дихгонд æрцыд немыцаг æмæ советон æфсæдты ’хсæн.

6 октябры Гитлер разæрæвæрдта Стыр Британийæн æмæ Францийæн саразын сæрибарыл бадзырд — йæ «фæстаг æнхъарæн». Фæлæ нырид уыд бæрæг йæ ныхасыл йын æууæндын кæй нæй, уый. Иу мæй фæстæ Гитлер фехъусын кодта хæсты райдайæны тыххæй.

Уый фæстæ æнæхъæн зымæгмæ 1939-1940 æзты ахаста «Бадгæ хæст». Уыцы рæстаг Гитлер æмæ йе ’знæгтæ ницы архæйдтытæ лæууыйæ æвналдтой (не предпринимали никаких действий). 1940 азы мартъийы Гитлер æмæ йæ цæдисон Муссолини фембæлдысты Бреннераг æфцæгыл, æмæ Гитлер Муссолинийæн йæ фæндтæ раргом кодта.

1940 азы 9 апрелы гермайнаг æфсæдтæ æрбабырсыдысты Данимæ æмæ Норвегимæ. Иу мæйы фæстæ æххæст конд уыд «блицкриг» Бельгимæ, Нидерландтæм, Люксембург æмæ Францмæ. Иннæ къахдзæф уыди Стыр Британийы уæлдæфон бомбардировкæ. Фæлæ британиаг тæхджытæ æрмæст 15 августы 1940 азы æрæппæрстой 180 немыцаг хæдтæхджыты.

1941 азы 6 апрелы Гитлер бакодта йе ’фсæдтæ Греци æмæ Югославимæ, фæстæдæр та арвыста Африкæйаг корпус Ливи æмæ Мысырмæ. 22 июны гермайнаг æфсæдтæ ахызтысты советон арæн æмæ бабырсыдысты Балтиаг фронтæй Сау денджызмæ.

1941 азы 19 декабры Гитлер сæйраг къамандыгæнæг фельдмаршалы Вальтер фон Браухичы йæ бынатæй ацух кодта æмæ йæхиуыл райста командæкæнын æфсæддон архайæдтыл.

Гитлеры æфсæдтæ хæрд кодтой тохты. 1943 азы февралы Фридрих фон Паулюс састы бынаты слæууыди. Муссолинийы режим ныккалди. Знæгты æфсæдтæ æмбылдтой тохты. Гитлерыл уæд цыди фæндзай æхсæз азы, фæлæ уыд ихсыд, фырзæронд лæджы хуызæн цыди.

29 апрелы 1945 азы Гитлер æмкъайады бацыд йæ лымæнимæ Евæ Браун, уайтагъддæр ныффыста политикон уæсиат. Иннæ бон Гитлер йæхи агæрах кодта, Евæ Браун та марг банызта. Сæ марды буæрттæ баппæрстой бæласдоны дзыхъхъы æмæ сæ басыгъдтой.

Commons
ВикиКъæбицы мидæг ис ацы темæйыл нывтæ.
Кæс: Hitler

Æндæр æвзæгтыл
Our "Network":

Project Gutenberg
https://gutenberg.classicistranieri.com

Encyclopaedia Britannica 1911
https://encyclopaediabritannica.classicistranieri.com

Librivox Audiobooks
https://librivox.classicistranieri.com

Linux Distributions
https://old.classicistranieri.com

Magnatune (MP3 Music)
https://magnatune.classicistranieri.com

Static Wikipedia (June 2008)
https://wikipedia.classicistranieri.com

Static Wikipedia (March 2008)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com/mar2008/

Static Wikipedia (2007)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com

Static Wikipedia (2006)
https://wikipedia2006.classicistranieri.com

Liber Liber
https://liberliber.classicistranieri.com

ZIM Files for Kiwix
https://zim.classicistranieri.com


Other Websites:

Bach - Goldberg Variations
https://www.goldbergvariations.org

Lazarillo de Tormes
https://www.lazarillodetormes.org

Madame Bovary
https://www.madamebovary.org

Il Fu Mattia Pascal
https://www.mattiapascal.it

The Voice in the Desert
https://www.thevoiceinthedesert.org

Confessione d'un amore fascista
https://www.amorefascista.it

Malinverno
https://www.malinverno.org

Debito formativo
https://www.debitoformativo.it

Adina Spire
https://www.adinaspire.com