Æвзагзонынад
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Æвзагзонынад (æвзагахуырад дæр, лингвистикæ дæр) у, æвзæгтæ чи иртасы, ахæм зонад.
Æвзагзонынадæн йæ иртасинаг у:
- адæймаджы æвзаг æмткæй; алы æвзаджы дæр цы ис, уый (иумæйаг æвзагзонынад);
- конкретон æвзæгтæ сæрмагондæй (сæрмагонд æвзагзонынад).
Сæргæндтæ |
[баив æй] Хæйттæ
Иумæйаг æмæ сæрмагонд æвзагзонынады иртаст цæуынц æвзагон системæйы алы къæпхæн дæр:
- фонетикæ — мыр, хъæлæс, фонемæ, дамгъæ.
- морфологи — морфемæ, дзырд, дзырдивынад.
- синтаксис — дзырдбаст, хъуыдыйад.
- семантикæ — нысаниуæг, стиль.
- прагматикæ — ныхас цардимæ куыд баст у, дзурджытæ сæ нысæнттæм гæсгæ куыд архайынц.
[баив æй] Номдзыд иртасджытæ
- Абайты Васо
- Апресян, Дереничы фырт Юрий
- Вежбицка, Аннæ
- Гримм, Якоб
- Гумбольдт, Вильгельм
- Зализняк, Анатолийы фырт Андрей
- Панини
- Сепир, Эдуард
- Соссюр, Фердинанд де
- Чомски, Аврам Ноам
- Шёгрен, Андреас
- Якобсон, Осипы фырт Роман
[баив æй] Æвзæгты бирæхуызондзинад
Сæрмагонд æвзагзонынады хæйттæ сæ иртасинагмæ гæсгæ дих кæнынц:
- сæрмагонд æвзаг куы иртасынц (японистикæ иртасы япойнаг æвзаг);
- сæрмагонд æвзæгты къорд куы иртасынц (иранистикæ иртасы ирайнаг æвзæгтæ, балканистикæ та — балкайнаг æвзæгтæ).
[баив æй] Цæргæ æвзæгтæ
- Англисаг æвзаг
- Араббаг æвзаг
- Ирон æвзаг
- Кæсгон æвзаг
- Китайаг æвзаг
- Немыцаг æвзаг
- Поляккаг æвзаг
- Румынаг æвзаг
- Урду
- Уырыссаг æвзаг
- Францусаг æвзаг
- Эсперанто
æмæ æндæртæ.
[баив æй] Мард æвзæгтæ
- Латинаг æвзаг
- Скифаг æвзаг
æмæ æндæртæ.