Монголи
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Монголи у паддзахад Азийы, Уæрæсе æмæ Китайы сыхаг.
- Фæзуат: 1 565 000 км² (дунейы 18-æм).
- Цæрджыты нымæц: 2 712 315 адæймаджы (2003-агæм азы).
Монголийы цæрджытæй сæ фылдæр цæрынц быдыры, хизынц фос. Уыцы бæстæйы бирæ сахартæ нæй (фен Монголийы сахарты номхыгъд). Алы Монголийы цæрæгæн хауы 12 стуры. Фосдарынады кусынц монголæгты 42%.
Сæргæндтæ |
[баив æй] Истори
XIII æнусы Монголи уыдис дунейы историйы стырдæр империйæн йæ зæрдæ. Уыцы империйы бындур сæвæрдта монголаг адæмы иугæнæг Чингисхан.
Нырыккон Монголи, куыд хæдбар паддзахад, сæвзарди 1911-æм азы. Китай 1949-æм азы онг разы нæ уыд Монголийы хæдбардзинадыл.
[баив æй] Административон дихдзинад
Монголийы 22 провинцийы ис (провинци та монгойлагау у аймаг). Сæйраг сахар Улан-Батор у хицæн административон субъект.
[баив æй] Политикæ
Монголийы ис цалдæр политикон партийы, уыдонæй тæккæ тыхджындæр сты Адæмон революцион парти æмæ Демократион парти.
Монголийы президент у Намбарын Энхбаяр Адæмон революцион партийы минæвар. 2005 азы 22 майы уый райста æвзæрджыты хъæлæстæй 53,4%.
[баив æй] Экономикæ
[баив æй] Экспорт
Æрхуы, молибдены концентрат, флюорит, кашемир, къуымбил, стуры царм сты сæйраг экспортон товартæ. Монголийы ис æфсæнæрзæт æмæ дурæвзалыйы рæдзæгъдтæ, æндæр минералон ресурстæ.
2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг экспортон партнёртæ уыдысты: Китай — 46,7%, АИШ — 32%, Уæрæсе — 6,5%, Республикæ Корей — 5,1%.
[баив æй] Импорт
Нефтæй конд продукттæ, промышленон ифтонггæрзтæ, фæлхасгæнæн товартæ.
2003 азы уавæрмæ гæсгæ сæйраг импортон партнёртæ уыдысты: Уæрæсе — 33,9%, Китай — 19,8%, Республикæ Корей — 12,1%, Герман — 5,2%.
[баив æй] Транспорт
[баив æй] Авиаци
2004 азы уавæрмæ гæсгæ бæстæйы ис 36 аэропорты. Уыдонæй 11 аэропорттæн ис хъæбæр стæхæн таг.
Кусынц:
- Авиакомпани «Ульгий-Транс»
- Авиакомпани «Аэро Монголиа»
- Монголаг авиакомпани МИАТ
[баив æй] Æддаг æрмæг
- Хамаг Монгол — «сайт о и для современных монгол».
- Улан-Баторская Железная Дорога
- Фото Монголии
- Туры в Монголию, рыбалка в Монголии
Ацы статья къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
Азийы бæстæтæ |
---|
Азербайджан | Афгъанистан | Бангладеш | Бахрейн | Бруней | Бутан | Вьетнам | Газæйы Сектор | Гуырдзыстон³ | Израиль | Инди | Индонези | Иордани | Ирак | Иран | ИАЭ | Йемен | Камбоджæ | Катар | Кипр | Хъиргъиз | Китай | КАДР | Кувейт | Лаос | Ливан | Малайзи | Мальдивтæ | Монголи | Мысыр¹ | Мьянмæ | Непал | Оман | Пакистан | Уæрæсе² | Саудаг Арави | Сингапур | Сири | Скæсæйнаг Тимор | Сомих³ | Таджикистан | Таиланд | Турк² | Туркмени | Узбекистан | Филиппинтæ | Шри-Ланка | Хуссар Корей | Хъазахстан² | Япон |
Æндæр территоритæ: Абхази | Газайы сектор | Гонконг | Тайвань | Тамилаг Илам | Хæххон Карабах | Хуссар Ирыстон | Цæугæдон Иорданы Ныгуылæн Был |
¹ Йæ фылдæр хай Африкæйы у. ² Йæ иу хай Европæйы у. ³ Европæйаг бæстæйыл йæхи нымайы. |