Privacy Policy Cookie Policy Terms and Conditions Гамсахурдиа, Звиад — Wikipedia

Гамсахурдиа, Звиад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Звиад Гамсахурдиа президенты бынаты
Увеличить
Звиад Гамсахурдиа президенты бынаты

Звиад Гамсахурдиа (31 мартъийы 193931 декабры 1993), диссидент, ахуыргонд æмæ фыссæг, Советон Цæдисы фехæлды фæстæ Гуырдзыстоны фыццаг президент. Уыцы бынатыл йæ раивта Эдуард Шеварднадзе.

Сæргæндтæ

[баив æй] Рагкарьерæ

Йæ фыд академик Константин Гамсахурдиа (1883-1975), уыди зындгонд гуырдзиаг фыссæг XX æнусы. Звиад сахуыр и филологыл æмæ йæ профессионалон карьерæ райдыдта куыд тæлмацгæнæг æмæ литературон критик.

1955 азы Звиад Гамсахурдиа йе ’мбал Мераб Коставæимæ бындур æрæвæрдта сусæг къордæн æмæ йыл сæвæрдта ном Горгаслиани (афтæ хуынди рагон гуырдзиаг паддзахты тырыса). Уыцы къорд хæлиу кодта хъусынгæнинæгтæ адæймаджы барты асасты тыххæй.

1956 азы Гамсахурдиа ахст æрцыд демонстрацийы советон русификацийы политикæйы ныхмæ Тбилисы. 1958 азы Гамсахурдиа уыди ногæй ахст антикоммунистон литературæ æмæ прокламациты хæлиу кæныны тыххæй. Æхсæз мæйы арвыста психиатрикон рынчындоны, уым ыл сæвæрдтой диагноз «психопат декомпенсациимæ».

[баив æй] Адæймаджы барты хъахъхъæныныл архайд æмæ ахæстон

1972 азы коррупцийы ныхмæ кампанийы рæстæджы Гамсахурдиа сси номдзыд æмæ бацыд католикон динмæ Гуырдзыстон ортодоксалон аргъуаны. Гамсахурдиа уыди адæймаджы барты хъахъхъæнынады инициативон къорды бындурæвæрджытæй иу 1973 азы.

1974 азы Гамсахурдиа уыд фыццаг гуырдзиаг, кæцы сси Æхсæнадæмон Амнистийы (Amnesty Internetional) уæнг.

1976 азы уыди Гуырдзыстоны Хелсинкийы къорды бындурæвæрджытæй иу, кæцыйыл 1989 азы сæвæрдтой ном Гуырдзыстоны Хельсинкийы цæдис. Уыцы адæймаджы бартыл организацийæн Гамсахурдиа уыд йæ сæрдар.

Гамсахурдиа уыд тынг архайдмæ разæнгард сусæг самиздатон рауадзджыты организациты, кæцытæ уагътой политикон периодикон газеттæ. Се ’хсæн ахæмтæ: «Окрос сацими» («Сызгъæрин царм»), «Сакартвелос моамбе» («Гуырдзыстоны фидиуæг»), «Сакартвело» («Гуырдзыстон») æмæ «Матиан» («Уацфыст»). Хайад иста Мæскуйы периодикон рауагъды «Цæугæ цауты (хабæртты) хроникæ», кæцыйæн йæ редактор уыд Сергей Ковалев.

Гамсахурдиа уыди фыццаг гуырдзиаг, Адæймаджы Бартыл Æхсæнадæмон цæдисы уæнг чи сси.

Йæ фæдыл йын кæй цыдысты йæ хъуыдыты тыххæй æмæ йæ хаттæй хатт ахæстоны кæй кодтой, уымæ нæкæсгæйæ, Гамсахурдиа бирæ хæттыты аирвæзти карз æфхæрдæй. Æвæццæгæн уый уыди йæ мыггаджы ахадындзинад æмæ йæ политикон бастдзинады фæрцы. Йæ амонд æй ахаста Хельсинкаг къорд Советон Цæдисы Леонид Брежневы хицауиуæджы лæмбынæг къуылымпы куы сси, уæд.

Уæд Советон Цæдисы уыди æппæтаддæмон сурын адæмон бартыл активистты. Гуырдзыйы хицауад, Эдуард Шеварднадзе гуырдзиаг коммунистон партийы фыццаг секретарь куы уыди, ахæстоны бакодтой Гамсахурдиайы æмæ йе ’мбал диссиденты Мераб Коставæйы. Ацы дыууæ адæймагæн рахастой тæрхон — æртæ азы каторгон куыстыты æмæ æртæ азы бæстæйæ фервыст антисоветон архайды тыххæй.

Сæ ахæст химæ æрбаздæхдта æхсæнадæмон хъусдард, АИШ-ы Конгрессы разамонæг уæнг бахъардта Гамсахурдиайы æмæ Коставæйы Нобелы сабырдзинады премимæ 1976 азы. Коставæ уыд æрвыст Сыбырмæ, Гамсахурдиа та - Дагъистанмæ.

1979 азы июны Гамсахурдиа уыд ахæстæй уæгъд æмæ амнисти конд, фæлæ йæ амнистийы уавæртæ сты гуырысхойаг, уый тыххæй æмæ ахæстоны уыди йе ’мгъуыдæй æрмæст дыууе азы. Коставæ фæци ахæстоны 1987 азмæ.

[баив æй] Зонадон куыст

Æвæццæгæн йæ фыдыл фæуæлахиз уæвынмæ бæллгæйæ, Звиад йæ зонадон карьерæ дæр нæ уагъта. Уый уыди Гуырдзыстон литературæйы институты, Гуырдзыстоны зонæдты академимæ чи хауди, иртасджытæй хистæр æмкусæг (уæнг) (1973-1977, 1985-1990), Гуырдзыстон паддзахадон университеты профессор (1973-1975, 1985-1990), Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы уæнг (1966-1977, 1985-1991), филологийы æппæт фадгуыты уыд философион зонады кандидат (1973) æмæ 1991-æм азы фæстæ зонады доктор.

Гамсахурдиа ныффыста бирæ зынгæ литературон уацмыстæ æмæ монографитæ; уый скодта бритайнаг, францусаг æмæ америкæйаг литературæйæ тæлмацтæ. Уыдоны ’хсæн уыдысты: Шекспиры куыстытæ, Т. С. Элиоты куыстытæ, Бодлеры куыстытæ.

Гамсахурдиа уыди Шота Руставелийы сфæлдыстады зынгæ иртасæг æмæ иберо-кавказаг культурæйы историйы иртасæг.

[баив æй] Хæдбарадмæ змæлд

Советон разамонæг Михаил Горбачёв йæ æргом кæныны политикæ куы райдыдтта, уæд Гамсахурдиа ахъазыд сæйраг роль дзыллон сæрибаргæнæн змæлдты аразыны Гуырдзыстоны (1987-1990 æзты), кæцыты йемæ цыди Мераб Коставæ. Мераб Коставæйы рауагътой ахæстонæй 1987 азы. 1988 азы Гамсахурдиа сси Сыгъдæг Илиайы æхсæнады (Всегрузинское общество Святого Илии Праведного) бындурæвæрджытæй иу. Уыцы æхсæнад уыд динон æхсæнады æмæ политикон партиты комбинаци, кæцытæ систы Гамсахурдийæн йæхи политикон змæлды бындур. Иннæ азы Советон Цæдисы хотыхджын тыхтæ нысæндыдтой стыр демонстрацитæ, кæцытæ цыдысты 4-9 апрелы 1989 азы Калачы. Уыцы митæ сбæлвырд кодтой сæйраг цауты уæвын Советон Цæдисы хицауиуæджы дискредитаци бæстæйы мидæг.

Демократикон реформæты размæцыд «сырæзыди» æмæ фæкæны Гуырдзыстоны фыццаг демократикон бирæпартион æвзæрстытæм, кæцытæ уыдысты царды уагъд 1990 28 октябры азы. Гамсахурдиайы æхсæнад, Гурдзиаг Хельсинкийы Цæдисы баиу и оппозицион къордтимæ цæмæй реформистон коалици, кæцыйыл ном уыд «Тымбыл фынг – Сæрибар Гуырдзыстон». Коалици фæуæлахиз уыд, уый тыххæй æмæ ма Гуырдзиаг коммунистон парти йæ 29,6% хъæлæстæ баиу кодта коалицийы 64% хъæлæстимæ. 1990 азы 14 ноябры Звиад Гамсахурдиа хъæлæсты фылдæрæй уыд æвзæрст Гуырдзыстоны Республикæйы Сæйраг Советы сæрдарæй.

Гуырдзыстон саразта референдум, цæмæй Советон Цæдисы агъоммæ цæм цы хæдбарад уыди, уымæ ногæй æркæсой. Уыцы референдумы 90,08% сæ хъæлæстæ чи радтой, уыдон æй хорзыл банымадтой. Гуырдзиаг парламент 1991-æм азы 9 апрелы райста хæдбарады деклараци Гуырдзиаг паддзахадыл ногæй рацарæзтыл 1918-1921 æзты. Уыма нæкæсгæйæ, уыцы декларацийыл Советон Цæдис не сразы и, кæд æмæ бирæ фæсарæйнаг паддзахæдтæ сразы сты, уæддæр иумæйаг аргъ нæ райста иннæ азмæ. Гамсахурдиайы равзæрстой президентæй 26 майы 86,5% хъæлæстæй.

[баив æй] Гамсахурдиа куыд президент

Хæсадмæ бацæугæйæ Гамсахурдиа сæмбæлыди бындурон экономикон æмæ политикон зындзинæдтимæ уæлдайдæр та — Гуырдзыстон æмæ Советон Цæдисы бастдзинæдты. Бындурон проблемæ уыди этникон къаддæр хайæдты позици, кæцытæ æвдыстой Гуырдзыстоны цæрджытæй сæ 30%. Кæд къаддæр хайæдты къордтæ хæцыдысты Гуырдзыстоны раздæхтмæ демократимæ, фæлæ 1990 азы октябры æвзæрстыты сæ бæрнлæгтæй уыд æрмæст 9 адæймаджы 245 депутатæй, æмæ сæ бæрнлæгтæ нæ уыдысты гуырдзиæгтæ.

Гуырдзыстоны хæдбарады размæ дæр националон къаддæр хайæдты позици уыд дайуаг æмæ æрбакодта æхсæнэтникон тыхдзинæдтæм Абхазийы 1989-æм азы. Гуырдзиаг националисттæй кацыдæртæ хайджын уыдысты кампанийы девиз «Гуырдзыстон — гуырдзиæгтæн», кæцыйыл хæцыди Гамсахурдиа дæр. Кæмæдæр афтæ касти æмæ девизы нысаниуæг уыд æнæхъыгдаргæ æмæ йæ нысан уыд Советон Цæдисы уæлахиз æмæ гуырдзыйы русификаци кæронмæ æрхæццæ и. Иннæтæ йæ пайда кодтой цæмæй регионты, кæцыты къаддæр адæмыхаттытæ цардысты, сæ автономон статус аивой. Экстремисттæй ма кæцыдæртæ домдтой къаддæр адæмты æххæст тард.

Девиз æмæ уый хуызæн гыццыл къордты æхсæн сайдтой азар æмæ хæццæдзинад. Гыццыл къордты националисттæ дзуапп дæтгæйæ домдтой этникон цæрмыстыгъдты иугонд уæрæсейаг арæны дæргъмæ, кæнæ æххæст хæдбарад. Иннæ Советон республикæтæ лæууыдысты æмхуызон æхсæнэтникон зындзинæдты раз, уæлдайдæр уырыссаг гыццыл къордтæ Латвийы, Эстони æмæ Молдавийы, æмæ ма сомихаг гыццыл къордтæ Азербайджаны. Фæстæдæр, уыцы дыууыæ хабары æрбакодтой тохмæ. Цалынмæ уыдысты ахастмæ гæсгæ æмбæлгæ ахæтытæ бирæ гыццыл къордты æхсæн, уый арæх пайда кодтой бынæттон æмæ фæсарæйнаг цæстдарджытæ, æмæ сæ тыхтæ Мæскуыйы æмбаргæйæ пайда кодтой уыцы тынгад раздæры Советон республикæты хæдбарад халынмæ.

1989-æм азы Хуссар Ирыстоны автономон республикæйы ныгуыпп кодтой карз змæстытæ гуырдзиаг æмæ ирон цæрджыты ’хсæн. Ирæттæ домдтой цæмæй Хуссар Ирыстон баиу уа Цæгат Ирыстонимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахад расидта, Хуссар Ирыстон Гуырдзыстонæй кæй ахицæн и æмæ Цæгат Ирыстонимæ кæй иу кæны, уый.

[баив æй] Æддаг æрмæг

Static Wikipedia (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - en - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu -

Static Wikipedia 2007 (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - en - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu -

Static Wikipedia 2006 (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu

Static Wikipedia February 2008 (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - en - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu