Амундсен, Руал
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Руал Амундсен (Roald Engelbregt Gravning Amundsen) (16 июль 1872 — 18 июнь 1928) — норвегиаг полярон бæлццон æмæ иртасæг. Хуссар полюсмæ фыццагæй чи æрбацыди, уыцы лæг. Уый йедтæмæ никæй къухы бафтыд Цæгæт-хурыскæсæйнаг (Сыбыры былты дæргъмæ) æмæ Цæгат-хурныгуылæн (Канадæйы сакъадахты 'хсæн) денджызон фæндагыл дæр науыл фæцæуын.
Бæлццоны номыл рахуыдтой Амундсены денджыз, Амундсены хох æмæ америкаг иртæсæн станцæ Амундсен-Скотт Антарктидæйы континентыл.
[баив æй] Цыбыр хронологи
- 1890-1892 ахуыр кодта медицинон факультеты, сахар Христианийы (ныртæккæ хуины Осло).
- 1894-æм азæй 1899-æм азы онг матросæй, стæй штурманæй дæр ленк кодта алыхуызон наутыл.
- Сси фыццаг адæймаг, хуымæтæджы науыл Цæгат-хурныгуылæн фæндагыл чи ахызти Гренландийæ Аляскæмæ (1903-1906, нау "Йоа").
- "Фрам", зæгъгæ, уыцы науыл æрбацыд Антарктикæмæ æмæ 14 декабры 1911 куыйтыл æрбацыди Хуссар полюсмæ. Уымæй фæсте ныууагъта Роберт Скотты бритайнаг экспедици.
- 1918-æм аз, сæрды, Амундсены экспедици рацыд Норвегийæ нау "Мод"-ыл æмæ 1920-æм аз Беринджы донкъубалмæ æрхæццæ.
- 1926 Амундсен разамындæй дирижабль «Норвеги» скодта фыццаг æппæт Арктикæйыл атахт: Шпицбергенæй Цæгæт полюсмæ, уымæй та — Аляскæмæ.
- 1928, Умберто Нобилейы сæфт италиаг экспедици агуыргæйæ, Амундсен 18 июны хæдтæг «Латам»-ыл Баренцы денджызмæ ныххаудта æмæ 56-аздыздæй фæмæрд.
[баив æй] Æддаг æрмæг
- РуальАмундсен. Журнал «GEO» (2001/№5) цы статья раууагъта, уый.
- Норвегийы тыххæй уырыссагау Амундсены биографи; Амундсен æмæ Бетырбух