Стыр Цæгатаг хæст
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Стыр Цæгатаг хæст æрцыд 1700—1721 азты Уæрæсе æмæ Швецийы ’хсæн Балты денджызы æлдариуæгыл. Хæстмæ Уæрæсе балæууыди цæдисонтæ Дани æмæ Саксониимæ (афтæ хуынд «Цæгатаг цæдис»), фæлæ тагъд рæстæджы уыцы цæдис фехæлд æмæ ноджы йæ тыхмæ бацыд æрмæст 1709-æм азы. Стыр Цæгатаг хæсты бацархайдтой æндæр паддзахадтæ дæр: Швецийы ныхмæ — Англи, Ганновер, Голланди, Прусси æмæ Польшæ; Уæрæсейы ныхмæ — Англи æмæ Ганновер.
Фæстиуæгæн 1721-æм азы Швеци фембылды, Ништадты сабырдзинады бадзырдыл йæ къух æрæвæргæйæ.
Стыр Цæгатаг хæсты фæрцы бынтон æндæрхуызон сси тыхты райуæрст Балты денджызы былтыл. Уæрæсе сси уæзгæ паддзахад, Скæсæн Европæйы чи доминир кодта, ахæм. Уæрæсемæ бахаудтой Ингри, Карели, Эстлянди, Лифлянди æмæ Финляндийы хуссар хай (Выборджы онг). Пётр I алыг кодта йæ æлдарады сæйраг фарста: уый йæ бæстæ сифтонг кодта денджызон фæндæгтæй, райдыдта денджызыл æндæр бæстæтимæ саудадджер кæнын, саразта йæхи дуджы раззæгкълассон æфсад æмæ флот.
Швеци та йæ хъомыс фесафта, сси дæлахъазон паддзахад. Балты денджызы хуссар былыл цы зæххытæ Швецимæ уыд, уыдон иуылдæр хæсты фæстæ Уæрæсемæ бахаудтой кæнæ та сæрибар фесты.
[баив æй] Литературæ
- Тарле Е. В. Русский флот и внешняя политика Петра I. – СПб.: Фирма «БРАСК», Морской исторический сборник, 1994