Мыдыбындз
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мыдыбындз (Apis melifera) у пайдахæссæг саск, адæймагæн дæтты мыд, мыдадз æмæ æндæр буаргъæдтæ.
Мыддарды куыстæн цы стыр нысаниуæг ис хъæууон хæдзарады, ууыл бирæ фыстæуы мыхуыры. Мыд бирæ низты ныхмæ кæй у, уый бæстон æмбæрстгонд у алы адæймагæн дæр. Уый сбæлвырд кодта нæ медицинæ дæр æмæ сиды алы мыдгæс, алы цæрæгмæ дæр, цæмæй стыр хъусдард аздахой ацы ахсджиаг хъуыддаг райтынг кæнынмæ. Æмæ нæ мыдгæстæ дæр фæстаг рæстæджы ноджы егъаудæр хъусдард аздæхтой мыддарды куыст райтынг кæнынмæ æмæ сæ иузæрдион куысты руаджы сæ чыргъæдтæй райсынц дзæвгар мыд.
[баив æй] Гуылтæ
Мыдгæстæ сæ зæрдыл хъуамæ дарой, зæронд гуылты раивын кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ зымæджы иуæй-иу фæлгæттыл фæзыны рæмпæг дæр, стæй æнæуи дæр ныссау вæййынц æмæ сыл афтæмæй зивæгæй фæбадынц мыдыбындзытæ. Ахæм гуылтæн сæ чыртæ дæр слыстæг вæййынц æмæ сæ уый тыххæй ивын хъæуы æрвылаз дæр.
[баив æй] Цæугæ мыддард
Мыдгæстæй кæй фæнды фылдæр мыд райсын, уый сæ ласынц хуыздæр хизæнуæттæм, æфцæгрæбынтæм, алыгъуызон дидинджытæ парахатæй кæм ис, ахæм ранмæ æмæ мыддарды зынаргъ продукци райсынц фылдæр.
Ацы статья къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |