Privacy Policy Cookie Policy Terms and Conditions Хуссар Ирыстоны фольклор — Wikipedia

Хуссар Ирыстоны фольклор

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хуссар Ирыстоны фольклор аппæй дæр æмæ формæйæ дæр æввахс лæууы Цæгат Ирыстоны фольклормæ, фæлæ йæм ис хи сæрмагонд миниуджытæ дæр. Уцы сæрмагонд миниуджытæй Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæ хицæн кæнынц Цæгат Ирыстоны фольклорæй. Ахæм сæрмагонд миниуджытæ æвдисынц, цавæр æндæрхуызон фадæттæ цардис Хуссар Ирыстоны адæм ивгъуыд заманты.

Хуссар Ирыстоны адæмæн йæ зæронд фольклоры зынынц йæ рагон царды ныв æмæ йæ рагон зонд. Уый адыл, Хуссар Ирыстоны ивгъуыд царды æууæлтæ базонын кæй фæнды, умæн стыр æxxyыс фæyыдзæн фольклоры æрмæг.

Революцийы фæстæ Хуссар Ирыстоны цы фольклорон уацмыстæ сæвзæрди, уым Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ æвдисынц мидхæсты хабæрттæ, æвдисынц кълæсты тохы нывтæ колхозтæ аразыны райдайæны, кады зарджытæ кæнынц мидхæсты хъæбатыртæ æмæ фæтæгтыл.

Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæ æвæджиау хъæздыг сты аппæй. Тынг алыхуызон сты сæ формæтæ æмæ сæ жанртæ.

Сæргæндтæ

[баив æй] Хуссайраг фольклор иртасыны цыбыр истори

Ахæм зынаргъ сты Хуссар Ирыстоны фольклоры уацмыстæ. Афтæмæй сæ 1930-тæм азты агъоммæ сæм бæстон иртасæг нæ уыд.

Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæй фыццаг хатт цалдæр сæры мыхуыры рауагъта академик Шифнер 1868-æм азы: зынгæ гуырдзиаг фыссæг Даниил Чонкадзе ныффыста ирон æмбисæндтæ æмæ «Чызгайы зарæг», æмæ сæ Шифнер йæ «Ирон тексттæм» бахаста.

Фæстæдæр Всеволод Миллер йæ «Ирон этюдтимæ» рауагъта цалдæр сæры хуссайраг таурæгътæй æмæ аргъæуттæй: «Уырызмæджы æнæном лæппуйы кадæг», «Тамары таурæгъ» æмæ «Рувасы аргъæу». Шифнер æмæ Миллер цы хуссар-ирон тексттæ рауагътой, уыдон раст не сты, бирæ аиппытæ сæм ис.

Хуссар Ирыстоны аив фольклоры æмбырдмæ бæстон бавнæлдтой æрмæст советон хицауады дуджы. 1924-æм азы этнограф Г. Чурсин æрбацыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ дзы ныффыста уырыссаг æвзагмæ ивдæй дыууæ зарæджы — «Сырдты бардуаг Æфсатийы зарæг» æмæ «Рыны бардуаг Алардыйы зарæг»; сæ дыууæ дæр сты дин-æгъдауы зарджытæ.

1925-æм азы Хуссар Ирыстоны ахуырады институт дардыл æрæвæрдта фольклор æмбырды куыст. Уыцы куысты фæрцы 1929-30 азы фæзынди æртæ чиныджы Хуссар Ирыстоны дзыхы уацмыстæй. Иттæг хъæздыг сты æрмæгæй уыцы чингуытæ: нарты кадджытæй зæгъ æмæ суанг æмбисæндтæм.

[баив æй] Даредзанты таурæгътæ

1932-æм азы «Академия» рауагъта хицæн чиныгæй ирон даредзанты таурæгътæ: уырыссаг æвзагмæ сæ раивта æмæ сæ поэтикон æгъдауæй бакуыста Гатуты Дзахо. Даредзанты таурæгътæн сæ сæйраг хъайтар уыд Амыран, æмæ Гатуйы-фырт дæр йæ тæлмацы схуыдта уыцы номæй. Тæлмацгæнæг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ «Амыраны» сюжет уый систа Хуссар Ирыстоны даредзанты таурæгътæй. Даредзанты таурæгътæ не сты æххæст «оригиналон ирон эпос». Уый адыл Гатуйы-фырт хуыздæр бакодтаид, «ирон эпосæн» даредзанты таурæгътæ куы нæ равзæрстаид.

Даредзанты таурæгътæ, кæд ирон хуыз райстой, уæддæр Ирыстоны нæ равзæрдысты. Ирон даредзанты эпосы кæрæдзийыл стыхстысты алыхуызон эпизодтæ. Уыцы эпизодтæй иуæй-иутæ рацыдысты рагон гуырдзиаг романæй «Амиран Дареджаниани», инææ эпизодтæ рацыдысты ирайнаг Рустем, Зохраб, Бижен æмæ Манижайы таурæгътæй.

Даредзанты циклы биноныг эпизодтæ сты:

  • Амыраны алæмæттаг райгуырд, натры Батырдадз дæр уыцы уагæй райгуырди;
  • Балц рæсугъд Тамары агур;
  • Амыраны тох хуыцауимæ æмæ йæ бабаст лæгæты;
  • Цуанон сфæнд кодта Амыраны фервæзын кæнын, фæлæ йын нал бантыст;
  • Ростъом æмæ йæ фырты хæст лæгæй-лæгмæ — раст Фирдоусийы «Шах-Наме»-йы Рустем æмæ Зохрабы хæсты хуызæн.

Æцæгæлон культурæйы продукт уæвгæйæ, даредзанты эпос фыццаг æрбафтыди Хуссар Ирыстонмæ æмæ уый фæстæ цадæггай анхъæвзта Цæгат Ирыстонмæ дæр. Анхъæвзта, фæлæ Цæгат Ирыстоны уадиссаг нæ апырх.

[баив æй] Нарты эпос Хуссар Ирыстоны

Хуссар Ирыстоны фольклорæн йæ сæйраг къабазыл банымайын хъæуы нарты эпос. Хуссар Ирыстоны цы нарты кадджытæ баззад, уыдон хæрзæввахс лæууынц Цæгат Ирыстоны нарты кадджыты циклмæ. Уыцы æввахсдзинад уый амоны, æмæ нарты эпосæн куыд йæ цæгатаг, афтæ йæ хуссайраг варианттæ дæр рацыдысты иу ранæй: иу ран равзæрди сæ сæр æмæ иу цардуаджы истой сæ хуызтæ.

Нарты хъæбатырты эпосы равзæрæн бæстæ уыд Цæгат Кавказ. Ир куыд ивылдысты цæгатæй хуссармæ, Кавказы рæгъты хуссайраг фæрстæм, афтæ Цæгат Кавказæй семæ хастой нарты кадджытæ дæр. Хуссар Ирыстоны цы ир æрынцадысты, уыдон бынтон рохуаты нæ уагътой сæ цæгаттаг райгуырæн бæстæ, иугæндзон баст уыдысты алы хæдзарадон æмæ культурон тагтæй се ’мирон цæгаттаг адæмимæ. Уыцы уагæй нарты кадджытæ нæ рох кодтой Хуссар Ирыстоны æмæ æрхæццæ сты суанг Октябры Революцийы онг.

Кæй зæгъын æй хъæуы, нарты кадджыты текст Хуссар Ирыстоны бахаудис æндæрхуызон царды фадæтты æмæ афтæмæй цыдис фæлтæрæй фæлтæрмæ, фыдæй фыртмæ. Уый адыл Хуссар Ирыстоны нарты эпос раивта йæ хуыз, радта ахæм варианттæ, цæгатаг уидагæй чи фæиртæстис.

Цæгат Кавказы адæмтæй фыццаг чи æрæвæрдта бындур нарты эпосæн, нæуæд цахæм националон кæнæ социалон фæлтæрæй уыдысты сæхæдæг нарт, уый æнцон рахатæн нæу. Гуырысхойаг ницы ис æрмæст иу хабары: нарты кадджытæ, бирæ рæстæг ирон дзыллæйы ’хсæн уæвгæйæ, райстой бынтон оригиналон хуыз. Уыдон хуызæн никæуыл фидауы ирон националон эпосы ном.

Нарты эпосы ис бæлвырд историон хабæртты æнхъæвзæн: ирон адæм цы бæлвырд историон хæтæнты фесты, уый æвдисынц нарты кадджытæ. Æнусты дæргъы ирон адæм мыггаггай цардысты: æнæаскъуыйгæ æвирхъау тох цыди хицæн мыггæгты ’хсæн; туджы фæдыл мыггæгтæ кæрæдзи цагътой. Уыцы хабæртты нывтæ диссаджы æргом зынынц нарты эпосы. Зынынц Хуссар Ирыстоны нарты кадджыты дæр.

Цæгат Ирыстоны нарты эпосау, Хуссар Ирыстоны нарты кадджыты раззагдæр хъайтартæ сты Уырызмæг, Хæмыц, Созырыхъо, Сослан, Батырадз, Сырдон æмæ Сатана. Уыдон сты домбай, айнæг къæдзæхæй конд фæлгонцтæ. Уыдонæн сæ нæмттæ æмбисондæн баззадысты. Зæронд ирон типы хицæн мыггæгтæ бацыдысты уыцы хъайтарты хуызты. Уырызмæг — уынаффæйы лæг, мыггагон æгъдæуттæ уый хъахъхъæны. Сатана — сылгоймæгтæн сæ зондджынддæр; сæ уынгæг сахаты нартæ зондæй уый фæрсынц. Хæмыц — рогзонд, хæтаг лæг: нарт хъæлдзæг фынгыл куы бадынц, уæд кафт æмæ хъазты сæр Хæмыц вæййы. Сырдон — цыргъзонд, фæлитой адæймаг, алы фыдбылызтæ уый мысы нарты уæздæтты ныхмæ; йæ ахастытæй Сырдон хæстæг лæууы Гомеры Терситмæ. Батырадз — дунейы титантæй сæ иу: бердзенаг Прометейау уый дæр тох кæны хуыцæуттимæ.

Иуæй-иу нарты кадджыты зыны цахар хъæууонты зæрдæйы уаг; зыны дзы, куыд цыди мыггагон цард, æмæ дзыллæ къласгай куыд дих кæны; зыны дзы, кълæсты ’хсæн тох куыд цырын кæны. Хуссар Ирыстоны нарты кадджытæ афтæ зæгъынц Сосланæй: «Сослан æлдарæй ныллæуыдис нарты хъæуы. Сослан фыдуаг æлдар рацыди... Нарты хъæуы Бурæфæрныг цард. Бурæфæрныг бонджын лæг уыди. Бонджынæн йæ куыдз дæр хорз вæййы, æндæра цæй лæг уыди!»

Нарты эпосæй Хуссар Ирыстоны уæлдай уарзт кодтой Батырадзы æмæ Сырдоны кадджытæ. Мыггагон цардæн йе ’гъдæуттæ куыд хуымæтæг æмæ карз уыдысты, афтæ хъайтар уыд йæ ахаст нарыт эпосæн дæр. Уыцы ахаст зыны нарты эпосæн йе ’взагыл дæр: нарты кадджытæ дзурынц æлвæст æмæ фатау цыргъ æвзагæй; уыцы æвзагæй хуыздæр дæ зæрдæйы уаг, дæ хъуыдытæ ницæмæй райхалдзынæ. Хуссар Ирыстоны нарты кадджыты бирæ ис рагон ныхæстæ, архаизмтæ: «Нарт стæры цыдысты», «Уæ разы цам дæн» æмæ æндæр ахæмтæ.

[баив æй] Бынаттон таурæгътæ

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд цар рабæрæгæн тынг æхсызгон сты бынæттон «историон» таурæгътæ. Стæм ссардæуыдзæн ахæм зынгæ бынат, хъæу, мæсыг, гъе мыггаг, — исты таурæгъ кæуыл нæ баззад фыдæлтæй. Куыд диссаг сæфт фæкодтой Хуссар Ирыстоны аборигентæ — царциатæ; Цæгат Ирыстонæй куыд ивылдысты ирон адæм хуссармæ; цадæггай куыд æрцардысты Хуссар Ирыстоны; куыд рæзыдысты хъæутæ æмæ хæцæн мæсгуытæ — уыдон афтæ диссаджы æргомæй зынынц бынæттон таурæгъты.

[баив æй] Историон таурæгътæ

Хуссар Ирыстоны цæрæнбынæттæ куыд къуындæгдæр кодтой, афтæ хицæн мыггæгтæ райстой æвирхъау хæст кæрæдзийы ныхмæ хуыздæр зæххы гæбазы тыххæй. Ахæм хæсты-иу тыхджындæр мыггаг быныскъуыд скодта мæллæгдæр мыггаджы. Мыггæгты тохы фæдыл Хуссар Ирыстоны баззади бирæ «историон» таурæгътæ: æбуалгъ хъуыддæгтæ дзурынц уыцы таурæгътæ («Гаглойты æмæ Санахъоты хæст», «Кæркуысты фæцагъд», «Кодзыртæ æмæ Гаглойтæ»).

XIX æнусæн йæ фыццаг æмбисы уæрæсейаг паддзахы æфсæдтæ цалдæр хаты æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. Хуссар Ирыстоны адæм семæ хъайтары хæст кодтой. Уыцы тохы кой кæнынц иу къорд рæсугъд историон таурæгътæ: «Уырысы фесæфт», «Хъуды абырджытæ», «Йалары хæст», «Томайты хæст».

Ивгъуыд заманы Хуссар Ирыстоны дæр фæзынди бынæттон уæздæттæ — дзыллæ къласгæй дих кодта. Уый охыл дæр сæвзæрди цалдæр бынæттон таурæгъы: «Томайтæ куыд равзæрдысты», «Томайты Мæхæмæты ныхас».

[баив æй] Дины таурæгътæ

Ирон адæмы дин уырныдта, алы дзуæрттæн куывтой. Дины фæдыл Хуссар Ирыстоны баззад ахæм таурæгътæ æмæ зарджытæ, мифологион ахаст кæмæн ис. Кæмæн куывтой, уыцы уæвджытæй уæлдай нымад уыдысты Уастырджы, Уацилла, Æфсати, Фæлвæра æмæ Тутыр, уымæн æмæ уыдон уыдысты ирон адæмы хæдзарадон æмæ хæстон цардимæ баст бардуаджытæ. Уастырджы, Æфсати, Фæлвæра æмæ иннæ дзуæрттыл цы мифтæ ис, уыдон сæ æвдисынц адæймаджы хуызæнæй, дæттынц сын адæймаджы миниуджытæ: ирон лæг йæ бардуаджыты фæлгонц сфæлдыста йæхи æнгæс, йæхи хуызæн. Ирон мифтæн фидауцджын уыд сæ конд, хуызджын сæ нывтæ æмæ рæсугъд се ’взаг. Дзырдæн, «Фæлвæрайы фырт Будзумары» таурæгъ, «Къуыдары зæронд лæджы» зарæг.

Хуссар Ирыстоны цы мифтæ ис, уыдонæй иуæй-иутæ кæнынц дæлимонты кой. Дæлимонтæ — знæгиуæг кæнынц адæймагæн, фыдаудæн ыл кæнынц, фæлæ сæм, хаттæй-хатт, хорздзинæдтæ дæр разыны, рæстырдæм дæр разилынц: иу мифы ус-хæйрæг тынг æххуыс бакодта цуанон Дзамболатæн. Хæйрæджыты стырдæр знаг, уыдонæн сæ мыггаг чи аскъуыдта, уыцы знаг уыд бирæгъ. «Хъилхъусæгæй, дзахырдзастæй уæхи хизут, нæ мыггаг нын уый аскъуыдта», — зæгъы хæйрæджыты зарæг. Зарæг комкоммæ нæ хоны бирæгъы йæ номæй, уымæн æмæ номæн ис магион тых, æмæ комкоммæ ном расайдзæн æцæг бирæгъæн йæхи.

[баив æй] Мæрдты дуне æмæ бæхфæлдисыны фæтк

Куыд хатыди ирон лæг мæрдты дуне, уый хорз æвдисы «бæхфæлдисыны фæтк». Бæхфæлдисыны текст иухуызон нæ уыди. Бæхфæлдисæг цæй бæрц дзырдарæхст уыдаид, уымæ гæсгæ йæ ныхас фæкæны æндæр æмæ æндæр вариацитæй.

[баив æй] Аргъæуттæ

Хуссар Ирыстоны фольклоры зынгæ бынат ахсы аргъæуццаг эпос.

Фольклоры жанртæй се ’ппæтæй интернационалондæр вæййы аргъæуццаг жанр, фæлæ уæддæр хуссар-ирон аргъаумæ ис йæхи сæрмагонд миниуджытæ, йæхи бынаттон ахаст.

Аргъæутты мыггæгтæй Хуссар Ирыстоны арæхдæр вæййы алæмæт аргъау, ома ахæм аргъау, æнахуыр диссæгтæ кæм æрцæуы. Алæмæт аргъæуттæн и сиу сæйраг миниуæг — сæ нывты гиперболизм. Уыцы аргъæутты сæйраг геройтæ фылдæр хатт ралæууы хуыгæсы фырт; къулбадæг усы фырт, нæуæд æртæ æфсымæрæй кæстæр; йæ ныхмæ рацæуы уæйыг. Хъайтарæн бантысынц йæ диссаджы хъуыддæгтæ алæмæт дзауматы фæрцы: хæдтæхгæ гауыз, гамхуд, алæмæт пурти. Хъайтар вæййы æнæхъуаджы тыхджын, уæйгуытæй тыхджындæр.

Алæмæт аргъæутты йедтæмæ ма Хуссар Ирыстоны арæх уыд цæрæгойты аргъау. Хуссар Ирыстоны цæрæгойты эпосы типон фæлгонцтæ сты: æнæхсæст арс, зыд, фæлæ сæлхæр бирæгъ, гæды рувас, æдылыдзæф зыгъарæг.

Реалон кæнæ цардуаджы аргъæуттæ уый бæрц ницы давынц Хуссар Ирыстоны аргъæуццаг эпосы. Сыгъдæг цардуагон аргъау стæм разындзæн Хуссар Ирыстоны: диссаг хабæртты бынæй дзы хаттæй-хатт гæзæмæ зыны цардуагон элемент. Кæй зæгъын æй хъæуы, алæмæт аргъауы дæр вæййы æцæг царды нывтæ, фæлæ уæддæр Хуссар Ирыстоны аргъæуццаг эпосы сæйраг бынат ахсы алæмæт аргъау.

Ис Хуссар Ирыстоны бирæ ахæм аргъæуттæ дæр, зонд æмæ æгъдау амонæн хъуыды кæмæн вæййы: «Уырызмæджы лæдзæг», «Иунæг æмæ удхæссæг», «Зонд æмæ амонд» æмæ æндæртæ.

Static Wikipedia (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - en - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu -

Static Wikipedia 2007 (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - en - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu -

Static Wikipedia 2006 (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu

Static Wikipedia February 2008 (no images)

aa - ab - af - ak - als - am - an - ang - ar - arc - as - ast - av - ay - az - ba - bar - bat_smg - bcl - be - be_x_old - bg - bh - bi - bm - bn - bo - bpy - br - bs - bug - bxr - ca - cbk_zam - cdo - ce - ceb - ch - cho - chr - chy - co - cr - crh - cs - csb - cu - cv - cy - da - de - diq - dsb - dv - dz - ee - el - eml - en - eo - es - et - eu - ext - fa - ff - fi - fiu_vro - fj - fo - fr - frp - fur - fy - ga - gan - gd - gl - glk - gn - got - gu - gv - ha - hak - haw - he - hi - hif - ho - hr - hsb - ht - hu - hy - hz - ia - id - ie - ig - ii - ik - ilo - io - is - it - iu - ja - jbo - jv - ka - kaa - kab - kg - ki - kj - kk - kl - km - kn - ko - kr - ks - ksh - ku - kv - kw - ky - la - lad - lb - lbe - lg - li - lij - lmo - ln - lo - lt - lv - map_bms - mdf - mg - mh - mi - mk - ml - mn - mo - mr - mt - mus - my - myv - mzn - na - nah - nap - nds - nds_nl - ne - new - ng - nl - nn - no - nov - nrm - nv - ny - oc - om - or - os - pa - pag - pam - pap - pdc - pi - pih - pl - pms - ps - pt - qu - quality - rm - rmy - rn - ro - roa_rup - roa_tara - ru - rw - sa - sah - sc - scn - sco - sd - se - sg - sh - si - simple - sk - sl - sm - sn - so - sr - srn - ss - st - stq - su - sv - sw - szl - ta - te - tet - tg - th - ti - tk - tl - tlh - tn - to - tpi - tr - ts - tt - tum - tw - ty - udm - ug - uk - ur - uz - ve - vec - vi - vls - vo - wa - war - wo - wuu - xal - xh - yi - yo - za - zea - zh - zh_classical - zh_min_nan - zh_yue - zu