Web - Amazon

We provide Linux to the World


We support WINRAR [What is this] - [Download .exe file(s) for Windows]

CLASSICISTRANIERI HOME PAGE - YOUTUBE CHANNEL
SITEMAP
Audiobooks by Valerio Di Stefano: Single Download - Complete Download [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Alphabetical Download  [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Download Instructions

Make a donation: IBAN: IT36M0708677020000000008016 - BIC/SWIFT:  ICRAITRRU60 - VALERIO DI STEFANO or
Privacy Policy Cookie Policy Terms and Conditions
Норильск — Wikipedia

Норильск

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Норильск
Кæм ис: Красноярсчы край
Бындур æвæрд: 1935
Сахары статус: 1953
Географион уæрхад: 69° 22' ц. у.
Географион дæргъад: 88° 06' ск. д.
Цæрджыты нымæц, мингай: 131,9 (2005); ЕМО «город Норильск» — 230,1 (2000)
ОКАТО-йы код: 04429
Телефонон код: 3919
Рæстæг (Мæскуыимæ абæргæйæ): +4 сахаты

Норильск (Норилск дæр) у сахар Красноярсчы бæстæйы цæгаты, Таймырон æрдæгсакъадахы хуссары, 90 км Енисейы цæугæдонæй хурыскæсæнмæ. Сахар ис Полярон зиллаччы фæстæ. Арæнгонд у Таймырон (Долганаг-Неннаг) автономон зылды. Административон æгъдауæй та сахар ис Красноярсчы бæстæйы дæлбарады.

2004-æм азы Норилск йæхимæ баиу кодта дыууæ сахар-спутничы (Талнах, Кайеркан) æмæ ма фæрсæгхъæу Снежногорсчы, æмæ иугонд муниципалон сырæзтад «Сахар Норилск» сси сахайраг зиллаччы статусы хицау.

Норилскæн йæхи цæрджытæ сты 140,8 æрдзæ адæймаджы, ИМС-йы - 230,1 æрдзæ адæймаджы (Талнахы — 62,9 æрдзæ, Кайерканы — 25,1 æрдзæ, Снежногорсчы — 1,3 æрдзæ адæймаджы). Норилскмæ ма хауы цæрæн сырæзтад "Оганер", кæцыйы цæры иу-дæс æрдзæйы бæрц адæймаджы.

Сæргæндтæ

[баив æй] Экономикæ

Сахарамайæн куыстуат у хæххон-згъæрон компанийы «Норильский никель» (раздæры хæххон-згъæрон комбинат) фæсполярон филиал. Норилск у хуызджын згъæрты стыр центр. Ам амал кæнынц хуызджын згъæрты æфтиаг: æрхуы, никель, кобальт; зынаргъ згъæртæ: паллади, осми (ссадæг), платинæ (згъæртад, ссадæг), сызгъæрин (згъæртад, ссадæг), æвзист (згъæртад, ссадæг), ириди (згъæртад), роди (ссадæг), рутени (ссадæг). Æмвæндæгон кондад: згъæрселен, техникон сондон, згъæртеллур, сондоны туагад.

Норилсчы комбинат кæны дунейы палладийæ 35%, платинæйæ 25%, никелæй 20%, родийæ 20%, кобальтæй 10%. Уæрæсейы никелы 96%, кобальты 95%, æрхуыйы 55% кæнынц Норилсчы комбинаты.

Норилсчы комбинаты куыстуаттæ стыр бæрцты кæнынц хъæстæ раппæрсттæ атмосферæмæ, æмæ сæ фæстиуæгæн екологон уавæр сахары у бынсæфт.

Норилсчы аванпорт у Дудинкæ, кæцыимæ уый иугонд у автомобилон æмæ æфсæнвæндагæй. Нæй дзы сурвæндагон бастдзинад Уæрæсейы иннæ сахартимæ. Уæлдæфон бастад та цæуы аэропорт «Алыкел»-ы фæрцы.

[баив æй] Ахуырад æмæ культурæ

Норилсчы ис иу САУ (сæйраг ахуыры уагдон) — Норилсчы индустриалон институт, иу-цалдæр Уæрæсейы Федерацийы æндæр САУ-ты филиалтæ, Майаковскийы номыл Драмæйы фæсполярон театр, аивадон галерей, Норилсчы куыстуадон районы æрхион æмæ рапарахат кæныны историйы паддзахадон музей, Кæройнаг Цæгаты хъæууон хæдзарады зонадон-иртасæн институт.

[баив æй] Истори

[баив æй] Боныхъæд

Таймыры æрдæгсакъадахы боныхъæд у иттæг карз.

  • Азы астæуккаг температурæ у -9,8°С.
  • Тъæнджы мæйы астæуккаг температурæ у -25°С.
  • Сусæны мæйы астæуккаг температурæ у +13,6°С.
  • Æппынкъаддæр регистрацигонд температурæ у -57°С.
  • Æппæтфылдæр регистрацигонд температурæ у +32°С.
  • Æнæхъызт афоны астæуккаг дæргъад — 84 боны.
  • Уаргæ бонты нымæц — 170.
  • Дымгæджын бонты нымæц — 130.
  • Митæй æмбæрзæны хуысты астæуккаг дæргъад — 244 боны (7,5 мæййæ 9-мæ).
  • Дымгæйы азастæуккаг тагъдад — 6 м/с.
  • Атмосферон æлхъывдады астæуккаг бирæазон ас — 750 мм дж. ц.
  • Ахастон азастæуккаг уæлдæфы уымæлад — 77%.
  • Тæвдгæнæн æмгъуыды рæстæг — 302 боны.
  • Тæвдгæнæн æмгъуыды астæуккаг температурæ у -14,6°С.

  • 30-м ноябырæй 13-м январмæ — полярон æхсæв (45 æхсæвбон).
  • 13-м мартъæй 27-м мартъмæ — бон æмæ æхcæвы хуымæтæджы ивд (73 æхсæвбоны).
  • 27-м мартъæй 26-м апрелмæ — изæрмилон æхсæвтæ (30 æхсæвбоны).
  • 27-м апрелæй 19-м маймæ — урс æхсæвтæ (23 æхсæвбоны).
  • 19-м маййæ 25-м июлмæ — полярон бон (68 æхсæвбоны).
  • 25-м июлæй 15-м августмæ — урс æхсæвтæ (23 æхсæвбоны).
  • 15-м августæй 15-м сентябырмæ — изæрмилон æхсæвтæ (30 æхсæвбоны).
  • 15-м сентябырæй 30-м ноябырмæ — бон æмæ æхсæвы хуымæтæджы ивд (73 æхсæвбоны).

[баив æй] Экологи

[баив æй] Æддæг æрмæг


Зæххы къори Ацы статья географийы тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ.
Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн.
Our "Network":

Project Gutenberg
https://gutenberg.classicistranieri.com

Encyclopaedia Britannica 1911
https://encyclopaediabritannica.classicistranieri.com

Librivox Audiobooks
https://librivox.classicistranieri.com

Linux Distributions
https://old.classicistranieri.com

Magnatune (MP3 Music)
https://magnatune.classicistranieri.com

Static Wikipedia (June 2008)
https://wikipedia.classicistranieri.com

Static Wikipedia (March 2008)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com/mar2008/

Static Wikipedia (2007)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com

Static Wikipedia (2006)
https://wikipedia2006.classicistranieri.com

Liber Liber
https://liberliber.classicistranieri.com

ZIM Files for Kiwix
https://zim.classicistranieri.com


Other Websites:

Bach - Goldberg Variations
https://www.goldbergvariations.org

Lazarillo de Tormes
https://www.lazarillodetormes.org

Madame Bovary
https://www.madamebovary.org

Il Fu Mattia Pascal
https://www.mattiapascal.it

The Voice in the Desert
https://www.thevoiceinthedesert.org

Confessione d'un amore fascista
https://www.amorefascista.it

Malinverno
https://www.malinverno.org

Debito formativo
https://www.debitoformativo.it

Adina Spire
https://www.adinaspire.com