Web - Amazon

We provide Linux to the World


We support WINRAR [What is this] - [Download .exe file(s) for Windows]

CLASSICISTRANIERI HOME PAGE - YOUTUBE CHANNEL
SITEMAP
Audiobooks by Valerio Di Stefano: Single Download - Complete Download [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Alphabetical Download  [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Download Instructions

Make a donation: IBAN: IT36M0708677020000000008016 - BIC/SWIFT:  ICRAITRRU60 - VALERIO DI STEFANO or
Privacy Policy Cookie Policy Terms and Conditions
Ног цард — Wikipedia

Ног цард

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

«Ног цард» уыд ирон æвзагыл дыккаг газет (фыццаг ирон газет — «Ирон газет» — мыхуыры рацыд 1906 азы), рауагътой йæ Ирон рауагъдадон æхсæнад Калачы. Уыцы æхсæнады правлени бахатыд бынæттон хицауадмæ ног ирон газет рауадзыны тыххæй. Газет рауадзынæн бар сын радтой 1907 азы 13 февралы. Калачы ирон газет «Ног цард»-ы фыццаг номыр рацыд 1907 азы 6 мартъийы.

Газет джиппы уагъд дæр нæма æрцыд, афтæ бынæттон газет «Исари» («Фат») ныммыхуыр кодта ахæм хъусынгæнинаг: «Тæргæйтты мæйы фыццаг бонæй рафыссæн ис Тифлисы ирон газет «Ног цард»-аен, кæцы цæудзæй къуыри дыууæ хатты. Газеты аргь у: афæдзмæ — 4 сомы». Ирон æвзагыл ацы газет уыди дыккаг . Газет «Ног цард»-ы фыццаг номыры тираж уыди 400 экземпляры, фæстæдæр тиражы нымæц схызти 1800 экземплярмае.

Фыццаг номырæй æвддæсæм номырмае газеты редактор уыди Тедеты Бетъре, уый фæстæ Цхуырбаты Тадиоз. Редколлегийы уæнгтæ уыдысты ахуыргæнджытæ Хъоцты Бидзина, Тыбылты Алыксандр, Джиоты Никъала, Козаты Димитр, студент Абайты Уано, аефсæнвæндаджы управленийы кусæг Томайты Хъаелцыхъо. Газетæн скодтой сæрмагонд рубрикæтæ: хицауады бардзырдтæ, литературæ, æхсæнадон-политикон фарстатæ, хроникæ, Уæрæсейы æмæ Ирыстоны цард, мыхуырад, литературон критикæ æмæ библиографи, фельетонтæ, лекцитæ, театр æмæ аивад, медицинæ, хъæууон хæдзарады фарстатæ æмæ а. д. Мыхуыры ног оргæн карз тох расидти зианхæссæг рагон æгьдæутты ныхмæ (туг исыны æгъдау, ирæд æмæ æнд.).

Газет «Нор цард»-ы мыхуыргонд æрцыдысты фыццаг хатт, Къостайы цензурæ мыхуыр кæнын цы æмдзæвгæтæ нæ уагъта, уытдон: «Салдат», «Додой», «Арс æмæ бирæгъ» («Уайдзæф»). Фаестæдæр Гæдиаты Секъайы радзырд «Айссæ».

Газет арæх мыхуыр кодта, ирон ахуыргаенджыты корреспонденцитæ.

[баив æй] Ирæд исыны ныхмæ «Ног цард»-ы тох

Ирон адæмæн мыггагон трагеди уыди ирæд исыны æгъдау. «Ног цард» карз тох расидт йæ ныхмæ. Ирæд исыны фæдыл газеты цы уацтæ æрцыди мыхуыр, уыдонæй ахадгæдæр уыди Кочысаты Розæйы публицистикон æрмæг «Ирон чызджытæм», кæцы мыхуыргонд æрцыд «Ног цард»-ы 13-æм номыры. «Чызгмæ йæ ныййарджытæ кæсынц, исты пайда сæм кæмæй æрбацæуа, ахæм дзаума цыма у, уый цæстæй. Чызджы нæ бафæрсгæйае, равзарынц, фылдæр мулк кæмæй æрбассивой, ахæм усгур. Афтæмæй чындзы ацæугæйæ, сылгоймаг бахауы ахаем уавæры æмæ йæм бинонтæй алчидæр йæ ныфс бахæссы зæгъынмæ: „Стыр ирæд дыл бафыстам æмæ æнæрынцойæ кус“» æмæ дарддæр: «Адæм сæрибардзинады тыххæй сæ туг куы калынц æмæ мæлынц талынг ахæстæтты, уæд нæ алчидæр йæ фыдмæ афтæ бадзурын нæ уæнды: „Уæ, мæ фыд, æз дæ хъæбул дæн, æмæ мæ цагъæйраджы уæй ма кæн“. Хъуамæ нæ алчидæр йе ’гады тыххæй йæ ныййарджытæм бауæнда уыцы ныхæстæ, æмæ ныууадзын кæнæм ирæды æгъдау».

Розæйы фæстæ газеты мыхуыргонд æрцыди Тменаты Елбыздыхъойы уац «Ирæды тыххæй». Автор лæмбынæгæй æргом кæны ирæды экономикон æфсæнттæ æмæ къласон характер, ацы темæйы фæдыл.

[баив æй] Литературæ

  • Четиты Рубен. Ирон мыхуыры фыццаг фæлварæнтæ. // «Рæстдзинад», 1997 азы 14 январы
Our "Network":

Project Gutenberg
https://gutenberg.classicistranieri.com

Encyclopaedia Britannica 1911
https://encyclopaediabritannica.classicistranieri.com

Librivox Audiobooks
https://librivox.classicistranieri.com

Linux Distributions
https://old.classicistranieri.com

Magnatune (MP3 Music)
https://magnatune.classicistranieri.com

Static Wikipedia (June 2008)
https://wikipedia.classicistranieri.com

Static Wikipedia (March 2008)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com/mar2008/

Static Wikipedia (2007)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com

Static Wikipedia (2006)
https://wikipedia2006.classicistranieri.com

Liber Liber
https://liberliber.classicistranieri.com

ZIM Files for Kiwix
https://zim.classicistranieri.com


Other Websites:

Bach - Goldberg Variations
https://www.goldbergvariations.org

Lazarillo de Tormes
https://www.lazarillodetormes.org

Madame Bovary
https://www.madamebovary.org

Il Fu Mattia Pascal
https://www.mattiapascal.it

The Voice in the Desert
https://www.thevoiceinthedesert.org

Confessione d'un amore fascista
https://www.amorefascista.it

Malinverno
https://www.malinverno.org

Debito formativo
https://www.debitoformativo.it

Adina Spire
https://www.adinaspire.com