Web - Amazon

We provide Linux to the World


We support WINRAR [What is this] - [Download .exe file(s) for Windows]

CLASSICISTRANIERI HOME PAGE - YOUTUBE CHANNEL
SITEMAP
Audiobooks by Valerio Di Stefano: Single Download - Complete Download [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Alphabetical Download  [TAR] [WIM] [ZIP] [RAR] - Download Instructions

Make a donation: IBAN: IT36M0708677020000000008016 - BIC/SWIFT:  ICRAITRRU60 - VALERIO DI STEFANO or
Privacy Policy Cookie Policy Terms and Conditions
Википеди:Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад — Wikipedia

Википеди:Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

[баив æй] Æрбайсгæ дзырдты растфыссынад

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады тыххæй зæрдыл дæрын хъæуы:

  1. ирон æвзагмæ раджы цы дзырдтæ æрбафтыди æмæ фонетикон ивддзинæдтæ кæм æрцыд, уыдон фыссын хъæуы, куыд ныффидар сты, афтæ: асыкк, кънйаз, стъол, пец, скъола, дохтыр, закъон, къамис, станцæ, булкъон, инæлæр;
  2. фæстæдæр æрбайсгæ дзырдтæ, уыдонимæ интернационалон дзырдтæ дæр, фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы сæ куыд фыссынц, афтæ. Уыимæ, дзырдæн уырыссаг æвзаджы йæ кæроны куы уа æнæцавдон -а, уæд уый ирон æвзаджы ивд цæуы -æ-йæ; -ия кæм ис, уым ахауы я; -ие кæм ис, уым -е; дзырды кæрон -ея кæм уыд, уым та фыссын хъæуы -ей: партæ, картæ, автономи, конституци, расписани, Корей.

Фæлæ: Александрия, Византия, София, кукла, идейæ.

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты интернационалон суффикстæ -ал, -ар, -ист æмæ æндæртæ фыссын хъæуы æнæивгæйæ: гуманитарон, материалон, профессионалон, централон (центрон дæр), интернационалон.

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты æмхъæлæсон мырты къордтæн сæ разæй дæр æмæ се 'хсæн дæр хъæлæсон фыссын нæ хъæуы: скъола, студент, октябрь.

Дамгъæтæ ё, э, ю, я, ж, ш, щ фыссын хъæуы æрмæст уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты: щёткæ, юрист, полярон, элемент, жанр, Щедрин.

Æндæр адæмты минæвæртты нæмттæ, фыды нæмттæ æмæ мыггæгтæ фыссын хъæуы, уырыссаг æвзаджы куыд фыст цæуынц, афтæ: Алексей Максимы фырт Горький, Илья Григорийы фырт Чавчавадзе, Кайсын Шувайы фырт Кулиев.

Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæрæтты æмхъæлæсон мырты къорд кæнæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ куы вæййы, уæд бирæон нымæцы фæсæфтуан -т кæнæ æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хай комкоммæ æфтыд æрцæуы дзырды бындурмæ: студент - студенттæ, кадр - кадртæ, метр - метртæ, гунн - гуннтæ, Бонн - Боннмæ. Фæлæ: темп - темпытæ, курс - курсытæ, лент - лентытæ.

Дамгъæтæ ъ æмæ ь уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты фыссын хъæуы уырыссаг æвзаджы орфографион æгъдæуттæм гæсгæ: подъезд, субъект, роль, Ольгæ. Дзырдæн йæ кæрон фæлмæны нысан (ь) куы вæййы, уæд æй фыссын хъæуы æмхъæлæсонæй райдайгæ дзырды хæйтты размæ дæр: роль, рольмæ, рольтæ æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ: ролы, ролæн, ролæй.

Интернационалон бындуртæй арæзт уырыссаг мивдисджытæ ирон æвзагмæ ист цæуынц æмæ сæ фыссын хъæуы вазыгджын мивдисджыты хуызы: уырыссагау регулировать - иронау регулировкæ кæнын, агитировать - агитаци кæнын, монтажировать - монтаж кæнын.

Æрбайсгæ дзырдтæй ирон æвзаджы сæ кæроны хъæлæсон -æ кæмæн вæййы, уыдонмæ фæсæфтуан -аг фæтаугæйæ хъæлæсон æ-йы фæстæ фæзыны й æмæ йæ хъæуы фыссын: европæйаг, польшæйаг.

Ирон æвзагмæ æрбайсгæ дзырдтæн сæ кæроны и кæмæн вæййы, уыдонæй фæсæфтуанты фæрцы ног дзырдтæ аразгæйæ, хъæлæсон и фылдæр хатт баззайы æмæ йæ хъæуы фыссын: австралиаг, азиаг, болгариаг (болгайраг дæр), швециаг, испаниаг (испайнаг дæр), терминологион, филологион (филологон дæр), демократион (демократон дæр).

Æмхъæлæсонтæ г æмæ к-йыл цы сæрмагонд географион нæмттæ фæвæййынц, уыдоны гуырынон хауæны хъæлæсон ы-йы разæй ацы æмхъæлæсонтæ фыссæн ис дыууæ хуызы: Владивостокы/Владивосточы, Оренбургы/Оренбурджы, Петербургы/Петербурджы.

(Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт. Дзæуджыхъæу, 2004. Фф. 19—21).

Our "Network":

Project Gutenberg
https://gutenberg.classicistranieri.com

Encyclopaedia Britannica 1911
https://encyclopaediabritannica.classicistranieri.com

Librivox Audiobooks
https://librivox.classicistranieri.com

Linux Distributions
https://old.classicistranieri.com

Magnatune (MP3 Music)
https://magnatune.classicistranieri.com

Static Wikipedia (June 2008)
https://wikipedia.classicistranieri.com

Static Wikipedia (March 2008)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com/mar2008/

Static Wikipedia (2007)
https://wikipedia2007.classicistranieri.com

Static Wikipedia (2006)
https://wikipedia2006.classicistranieri.com

Liber Liber
https://liberliber.classicistranieri.com

ZIM Files for Kiwix
https://zim.classicistranieri.com


Other Websites:

Bach - Goldberg Variations
https://www.goldbergvariations.org

Lazarillo de Tormes
https://www.lazarillodetormes.org

Madame Bovary
https://www.madamebovary.org

Il Fu Mattia Pascal
https://www.mattiapascal.it

The Voice in the Desert
https://www.thevoiceinthedesert.org

Confessione d'un amore fascista
https://www.amorefascista.it

Malinverno
https://www.malinverno.org

Debito formativo
https://www.debitoformativo.it

Adina Spire
https://www.adinaspire.com