Википеди:къæртт
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
«Къæртт» у æрдæгконд, æрдæгфыст, æгæр цыбыр кæнæ та æгæр гыццыл зондхæссæг статья.
Цыфæнды статьямæ дæр ис исты бафтауын, йе та йын ис фæхуыздæр кæныны амал, цыфæнды стыр кæнæ кæронбаст куы зына, уæддæр. Статьяйы æрдæгконддзинады нысан у уый, æмæ, цæуыл фыст у, уый тыххæй дзы кæронмæ фыст кæй нæу. Арæхдæр «къæртт»-ы нысан раттынц ахæм статьятæн, кæцытæ сæ асы тыххæй статья схонын дæр нæ вæййы, фæлæ дзы цыдæр фыст кæй ис, уый тыххæй та сыхалынмæ æвгъау чи вæййы, уыдон. Ахæм статьяйæн йæ бон фæзынын у, чи йæ фыста, уымæ фыссын куынæуал цæуа, йе та йын рæстæг куынæуал фаг кæна, уæд. «Статья кæронмæ фыст нæу», зæгъгæ, йыл нæ хъæуы фыссын, кæд афтæ хъуыды кæныс, æмæ йын фæхуыздæр кæнын ис уæд. Афтæ хъуыды кæнгæйæ, ахæм нысан Википедийы алы статьяйыл дæр æвæрын бахъуыдаид.
«Къæртт»-æй аирвæзынæн ис дыууæ хуызы фæндаджы
- Сыхалын æй :-(
- Бафтауын æм, цæмæй дзы кæронмæбаст статья рауайа.
Уæ хъус бадарут уыцы хъуыддагмæ, æмæ арæхдæр, цы статья фыссут, уымæн вæййы ссарын Википедийы æндæр æвзæгты хæйтты. Сымах бахъæудзæн æрмæст уый ратæлмац кæнын.
Уæ хорзæхæй, æрдæгконд æмæ æрдæгфыст статьяты цыфæнды амалæй дæр æвæрут {{къæртт}}
, кæцы бацамондзæн Википедийæн ахæм шаблон дзы фыссын кæй хъæуы, уый.
Ацы статья къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
Уый у тынг вазыгджын, цæмæй энциклопедийы кæсджытæ Википедийыл æвзæр цæст ма дарой, уый тыххæй.
[баив æй] Къæрттыты хуызтæ
Сæ темæмæ гæсгæ къæрттытæн ис дырысдæр нысан раттын:
- {{къæртт-аз}}
Ацы статья азты тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
- {{къæртт-æвзаг}}
Ацы статья æвзаг кæнæ æвзагзонынады тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
- {{къæртт-географи}}
Ацы статья географийы тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
- {{къæртт-ирон}}
Ацы статья ирон темæйыл къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
- {{къæртт-истори}}
Ацы статья историйы тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
- {{къæртт-пысылмон}}
Ацы статья пысылмон дины тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы статья раст æмæ стырдæр скæн. |
[баив æй] «Къæрттытæ» кæм агургæ сты
- Категори:Æрдæгцæттæ статьятæ — шаблонджын статьятæ иууылдæр (къæрттытæ).
- Special:Shortpages — цыбыр статьятæ.