Къæбысты Зауыр
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къæбысты Зауыр (27 июлы 1936, хъæу Раро, Хуссар Ирыстоны Дзæуы район) у ирон фыссæг, ныффыста фыццаг фантастикон роман иронау («Фæстаг маймули», 1977).
Хуссар Ирыстоны сгуыхт культурæйы кусæг, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы уæнг. Мыхуырæй рацыдысты йæ 11 чиныджы, уыдонæй 5 сты романтæ.
Цæры Цхинвалы.
[баив æй] Цитатæ
- Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æз къаннæг лæппу уыдтæн. Мæ зæрдæйы абон дæр нæма рафтыдысты, хæстæй нæ хъæумæ цы уæззау хабæрттæ хъуыстысты, æппæт уыдон. Уæдæй фæстæмæ мæ зæрдæмæ арф айстон иу хабар. Адæймагадæн зæххыл иууыл стырдæр æнамонддзинад æрхæссы хæст.
- Къæбысты Зауыр, роман «Фæстаг маймули»-йы разныхас.